Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ цы зӕгъон ӕмӕ куыд зӕгъон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста. Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сызгъӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы: Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы: Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыком цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы: Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Пиллон артау Кӕй цӕстытӕ сты, зынг ӕрхуыйау Кӕй къӕхтӕ ӕрттивынц, Хуыцауы уыцы Фырт афтӕ зӕгъы: Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон – Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ». «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон». Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
Откровение
Выбор основного перевода