Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: кӕрӕдзи уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ кӕрӕдзи уарзут. Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы». Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн. Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ равдыста Хуыцау Йӕ ӕгӕрон хорзӕх, Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ. Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕр. Уый у сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Амен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцауы сфӕлдысты сӕрӕвӕрӕн: Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме 'лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ ныуурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй. Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».
Откровение
Выбор основного перевода