Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Амен. Сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ нын Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ зӕрдӕйы сфӕлдисӕд, фӕндон Ын цы у, уый. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен. Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй. Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат. Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».
Откровение
Выбор основного перевода