Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Йесойы фӕстӕ цыди дзӕвгар адӕм; се 'хсӕн уыди, чи Йыл дзынӕзта ӕмӕ хъарӕг кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ. Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, Мӕныл ма кӕут, фӕлӕ кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл. Фӕлӕ Йын ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй барӕхуыста Йӕ фарс ӕмӕ дзы уайтагъд ракалд туг ӕмӕ дон. Ӕмӕ ма ӕндӕр ран дӕр Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ кӕсдзысты». Ӕрмӕст Ме 'рцыдмӕ фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл. Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтыл ӕлдариуӕг кӕныны бар, Ӕз ӕлдариуӕг кӕныны бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ; здахдзӕн сӕ ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, уыдон базгъӕлӕнтӕ уыдзысты ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау, Ӕмӕ йын ратдзынӕн Бонвӕрнон.
Откровение
Выбор основного перевода