Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт.
Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, Йӕ разы ӕрзоныгыл ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.
Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосийы мад Мариа уыдтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.
Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ, Иаковы мад Мариа ӕмӕ иннӕтӕ, семӕ ма чи уыдис, уыдон. Хабар радзырдтой апостолтӕн,