Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.
Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл сеппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ фесафдзысты нӕ ацы бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр».
Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы уын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»