Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм, цӕмӕй Дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ байтындзой, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Искӕмӕн марыны тӕрхон рахӕссыны бар нӕм нӕй». Уыдон уыцы ныхӕстӕ загътой, цы мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, уый тыххӕй Йесо фӕсномыгӕй цы загъта, уый куыд ӕрцӕуа, афтӕ. Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат.
Выбор основного перевода