Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты». Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у». Ӕмӕ ма Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны». Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн». Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз абон зӕгъын: исчи уӕ куы бабын уа, уӕд мӕн аххос нӕу.
Выбор основного перевода