Уӕд Ын тутӕ кодтой Йӕ цӕсгомыл, цавтой Йӕ. Иннӕтӕ та Йӕ дзӕхстытӕ кодтой
Уыдон Ӕй ӕфхӕрдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты, нӕмдзысты Йӕ ехсӕй ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».
Уӕд Ыл иуӕй-иутӕ райдыдтой тутӕ кӕнын, бамбӕрзтой-иу Ын Йӕ цӕсгом, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». Дзӕхстытӕ Йӕ кодтой хъахъхъӕнджытӕ дӕр.