Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"». Ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын"». Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» «Мах фехъуыстам, цы дзырдта, уый: „Ӕз фехалдзынӕн лӕджыкъухӕйконд ацы Кувӕндон ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, лӕджыкъухӕйконд чи нӕу, ахӕм"». Ӕмӕ Йын хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ феста дзул». Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар ардыгӕй. Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн». Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?» Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».
Выбор основного перевода