Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Ӕмӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ куы зылын кодтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта. Ӕмӕ Йӕ фарста бирӕ цӕмӕйдӕрты, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп радта. Ногӕй та бацыд галуанмӕ ӕмӕ бафарста Йесойы: «Кӕцон дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта. Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын:
Выбор основного перевода