«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстӕйы хицауы раз. Бӕстӕйы хицау Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл ныххуыдтой фӕйнӕг; фыст ыл уыди Йӕ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».
Уый сын загъта: «Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»
Пилат сын ногӕй загъта: «Уӕдӕ сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?»
Ӕмӕ Йын райдыдтой арфӕ кӕнын: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»
Йӕ азымы тыххӕй фыст уыди фӕйнӕгыл: «Иудейаг Паддзах».
Ӕмӕ дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн».
Йӕ сӕрмӕ [бердзенагау, ромагау ӕмӕ дзуттагау] фыст уыди: «Ай у иудейаг Паддзах».
Сымахмӕ ис ӕгъдау, цӕмӕй уын Куадзӕны рауадзон иу ахст адӕймаджы. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»
Бацыдысты-иу Ӕм ӕмӕ Йын дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.
Пилат фӕйнӕгыл ныффыссын кодта ӕмӕ йӕ дзуарыл ныххуыйын кодта; фыст уыди афтӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».
Иудейаг алчертӕ загътой Пилатӕн: «„Иудейаг Паддзах" ма ныффысс. Ныффысс афтӕ: „Ацы лӕг дзырдта: Ӕз иудейаг Паддзах дӕн"».