Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй, фӕлӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Хицау, кӕд фынӕй баци, уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн». Йесо сын Лазыры мӕлӕты тыххӕй дзырдта, уыдон та афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Уый хуымӕтӕг фынӕйы тыххӕй зӕгъы. Уӕд сын Йесо ӕргомӕй загъта: «Лазыр амард. Павел ӕрхызти дӕлӕмӕ, ныддӕлгом ыл, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ загъта: «Ма тыхсут, йӕ уд йӕ мидӕг ис». «Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргджын фат?» Тӕригъӕд – уый у мӕлӕты маргджын фат; тӕригъӕд та хъару Ӕгъдауӕй райсы. Бузныг Хуыцауӕй – Уый нын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!
Выбор основного перевода