Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, хуыдтой Йӕм ӕппӕт рынчынты: алы низтӕй сӕйджыты, хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, уӕнгмӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном – легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм».
Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын ракодтой хӕйрӕджджыны ӕмӕ хуыты хабар.
Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Дзы раздӕры хӕйрӕджджын куырдта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ.