Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ». Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]». Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Дӕумӕ дзурын: рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ». «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Лӕг ацыд, ӕмӕ ӕгас сахары дӕр дзырдта, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппа, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци. Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.
Выбор основного перевода