Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, Йӕ къух радардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у».
Уымӕн ӕмӕ Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕты, ӕмӕ Йыл ӕппӕт рынчынтӕ ӕппӕрстой сӕхи, цӕмӕй Йыл бандзӕвой.
Кӕдӕмфӕнды ма ӕрцыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу ӕрӕвӕрдтой фӕзты, хатыдысты Йӕм, цӕмӕй сӕ бауадза уӕд та Йӕ пӕлӕзы коцорайыл бандзӕвын; ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыд, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.
Ӕрцыдысты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕркодтой куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл бандзӕва.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ-иу Дзы рацыди тых ӕмӕ дзӕбӕх кодта сеппӕты дӕр.