Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт. Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: уыдонӕй фыццаг – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Иаков ӕмӕ йе 'фсымӕр Иоанн, Уыйадыл рацыдысты синагогӕйӕ. Ӕмӕ Йесо Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ бацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ. Сӕвӕрдта Симоны ӕмӕ йӕ схуыдта Петр; Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы, Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ. Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Выбор основного перевода