Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕркодтой Йӕм гуылӕвзаг къуырмайы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл Йӕ къух ӕрӕвӕра. Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ иучидӕр ӕрцыд йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал фӕлмӕцын кӕн». Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Хъуыддаг кӕнынӕн ис ӕхсӕз боны. Уыцы бонты цӕут уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, сабаты та ма цӕут». Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой уыдонӕн зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут». Синагогӕйы хицау Крисп йеппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой. Уӕд иууылдӕр сӕхи ныццавтой синагогӕйы хицау Сосфеныл ӕмӕ йӕ надтой тӕрхондоны раз. Фӕлӕ йыл Галлион мисхалы бӕрц дӕр нӕ батыхст.
Выбор основного перевода