Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уый ацыд, ӕмӕ Дӕссахары райдыдта дзурын, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ иууылдӕр дисы ӕфтыдысты. Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл куы уыдысты, уӕд ссыгъдӕг сты. Кӕй сдзӕбӕх, уый сӕ иу куы федта, уӕд раздӕхт ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй кад кодта Хуыцауӕн. Адӕлгом Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уый уыди самариаг. Уӕд Йесо загъта: «Дӕсӕй не ссыгъдӕг сты, ӕви? Иннӕ фараст адӕймаджы кӕм сты? Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхт, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауӕн кад скӕнынмӕ?» Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Уӕд сын дзуапп радта: «Нӕ зонын, Уый тӕригъӕдджын у ӕви нӕ. Ӕз иу хъуыддаг зонын – уыдтӕн куырм, ныр та кӕсын мӕ цӕстӕй». Йесо Хицау кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты.
Выбор основного перевода