Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
„Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"? Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы куы дзуры: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврагъы ӕрцӕйцӕугӕ. Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, Уӕдӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахиз фарс кӕм бады, уырдӕм. Фырт у Хуыцауы намысы тӕмӕнкалгӕ рухс; Фыды ӕмӕ Фырты ӕрдзыхъӕд иу у. Фырт ӕппӕтыл дӕр хӕцы Йӕ тыхджын ныхасӕй; мах ссыгъдӕг кодта тӕригъӕдтӕй ӕмӕ уӕлӕрвты сбадти Дунедарӕджы рахиз фарс. Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ»? Йесо та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд, Хуыцауы рахиз фарс сбадти мыггагмӕ, Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс. Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен. Ӕз федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл адӕймаджы фырты Халдихы бадгӕ, Йӕ сӕрыл – сызгъӕрин кадыхуд, Йӕ къухы – цыргъ ӕхсырф.
Выбор основного перевода