Искӕй дарӕс цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй фӕстӕмӕ ратт, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ.
Уымӕн ӕмӕ йын йӕ буар бамбӕрзынӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕ скӕнынӕн ӕндӕр ницы ис. Ӕмӕ куы схуысса, уӕд йӕхи цӕмӕй бамбӕрздзӕн? Уый Мӕм ӕххуысмӕ куы сдзыназа, уӕд ӕй фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз фӕлмӕнзӕрдӕ дӕн.