Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йӕ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сӕ сӕртӕ ӕмӕ Йӕ фаудтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн». Йесо йын загъта: «Баууӕнд Мыл, хорз ус, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы. Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ Фыдмӕ кувдзысты Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ Фыдӕн ахӕм кувджытӕ сты фӕндон. Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ». Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ.
Выбор основного перевода