Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ныр Петр та уыди бынӕй, кӕрты. Уырдӕм ӕрбацыд алчеры лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй иу, Петры федта йӕхи артмӕ тавгӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст, ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ». Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын ӕмӕ не 'мбарын». Петр рацыд ӕддаг кӕртмӕ, ӕмӕ уасӕг ныууасыд. Лӕггадгӕнӕг сылгоймаг та йӕ федта уым дӕр, ӕмӕ йӕ фарсмӕ лӕуджытӕн дзурын райдыдта: «Ай уыдонӕй у». Петр та Йесойыл атигъ кодта йӕхи. Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр загътой Петрӕн: «Ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ ды дӕр галилейаг дӕ. [Де 'взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]» Уый райдыдта ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын: «Сымах Кӕмӕй зӕгъут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыди дыккаг хатт. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ райдыдта кӕуын. Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн сӕраппонд ратдзынӕ? Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.
Выбор основного перевода