Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ: Йесо сын райдыдта амонын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ногӕй ӕрцыд Иерусалиммӕ. Кувӕндоныл куы зылди, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ, Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыд Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ. Куыддӕр сбон, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион рахастой уынаффӕ. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой Пилаты къухтӕм. Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Йесо иухатт адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сын хъусын кодта фарны уац. Бацыдысты Йӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ адӕмы хистӕртимӕ,
Выбор основного перевода