Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нал радта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыд. Йесойы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта, ӕрхауд Йӕ разы, ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Лӕгъстӕ Дын кӕнын, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды дӕ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕн; Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемӕ Чи хъуамӕ ӕрцӕуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кӕй дӕ, уый мӕ уырны». Ацы диссӕгты тыххӕй та уымӕ гӕсгӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Чырысти кӕй у, Хуыцауы Фырт, ууыл. Ӕмӕ Йыл куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы хайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.
Выбор основного перевода