Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо Кувӕндоны дарддӕр ахуыр кодта адӕмы ӕмӕ дзырдта: «Динамонджытӕ куыд зӕгъынц Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ? Йесо алы бон дӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ адӕмы хистӕртӕ хъавыдысты амарынмӕ, Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе 'хсӕв арвыста, Елеон кӕй хуындӕуы, уыцы хохыл. Ныр алчер та бафарста Йесойы Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй. Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон. Мӕн цы фӕрсыс? Чи Мӕм хъуыста, уыдоны бафӕрс, Ӕз цы дзырдтон, уымӕй. Уыдон зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый».
Выбор основного перевода