Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Бӕлӕгъы чи уыд, уыдон ӕрзоныгыл сты Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт дӕ». Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ». «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырыстийыл». Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дӕ, Израилы Паддзах». Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемӕ Чи хъуамӕ ӕрцӕуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кӕй дӕ, уый мӕ уырны».
Выбор основного перевода