Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Иучысыл ӕддӕдӕр рацыд, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». «Аввӕ, Мӕ Фыд, ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын. Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ.
Выбор основного перевода