Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Изӕры ӕртахтысты уӕрццытӕ, ӕмӕ израилӕгты асадӕн сӕ быны фӕци; райсомӕй та сӕ асадӕны алыварс зӕххыл ӕрбадт ӕртӕх. Ӕртӕх хурмӕ куы сыстади, уӕд ӕдзӕрӕг быдыры, зӕххыл, халасы мурты ӕрбадӕгау, цыдӕр баззад. Израилаг адӕм ӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзи фарстой: «Уый цы у?» Уымӕн ӕмӕ цы у, уый нӕ зыдтой. Уӕд сын Моисей загъта: «Хуыцауӕй уын хӕрынӕн лӕвӕрд хойраг у. Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы маннӕ хордтой, уӕддӕр амардысты. Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу – чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ». Сеппӕт дӕр хордтой уыциу уӕларвон хойраг.
Выбор основного перевода