Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо адӕмы куы федта, уӕд ссыди хохмӕ. Куы ӕрбадт, уӕд Ыл ӕрӕмбырд сты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де 'рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?» Уый фӕстӕ Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ басидти, Йӕхи кӕй фӕндыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты. Йесо рацыд ӕмӕ иннӕ хӕттытау ныр дӕр та араст Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл. Адӕм ӕрбацӕуынмӕ ӕмӕ Йӕ тыххӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ кӕй хъавынц, Йесо уый куы базыдта, уӕд та иунӕгӕй ацыд хохмӕ.
Выбор основного перевода