Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йӕ фӕдыл ацыд бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ федтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ кӕй равдыста, уыцы диссӕгтӕ. Куы баизӕр, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныццыдысты денджызмӕ, Сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг, Йесо зынӕг та нӕма уыд. Дымдта тыхджын дымгӕ ӕмӕ денджыз фӕйлыдта. Фондз ӕмӕ ссӕдз – дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы ацыдысты, уӕд Йесойы федтой денджызыл къахӕй цӕугӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕргӕнгӕ, ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут». Фӕндыди сӕ Уый бӕлӕгъы сбадын кӕнын, фӕлӕ бӕлӕгъ уайтӕккӕ бахӕццӕ, цы былмӕ цыдысты, уырдӕм.
Выбор основного перевода