Авраам ын загъта: „Уыдонӕн ис Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ; хъусӕнт сӕм".
Уый йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ӕрцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты".
Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас, зӕгъгӕ, уӕд ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты"».