Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой, ӕмӕ нӕ бамбӕрстой, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ сӕ сӕххӕст кодтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынӕй. Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй. Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы тухӕнты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры намысы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы афонмӕ ӕмӕ ӕууӕлтӕм амыдта, уый базоныныл.
Выбор основного перевода