Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ. Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый кӕндзӕн Мӕ хъуыддӕгты хуызӕн хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыдонӕй ноджы стырдӕртӕ сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын. Мӕ Фыд Мӕн куыд бауарзта, Ӕз дӕр уӕ афтӕ бауарзтон. Уӕдӕ ут хайджын Мӕ уарзтӕй. Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иумӕ, ӕнӕфӕхицӕн, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ Мӕн куыд бауарзтай, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый. Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ куыд уой, Ӕз кӕм дӕн, уым, ӕмӕ куыд уыной, дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн кӕй бауарзтай, уый тыххӕй Мын кӕй радтай, Мӕ уыцы намыс.
Выбор основного перевода