Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: ӔЗ ДӔН, Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ цы зӕгъон ӕмӕ куыд зӕгъон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста. Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын – Мемӕ иу Чи у, Мӕ уыцы Фыд кӕны Йӕ хъуыддӕгтӕ.
Выбор основного перевода