Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕнынц, сабаты цы нӕ фӕччы, уый».
Ӕмӕ Йын фарисейтӕ загътой: «Кӕс-ма! Сабаты цы нӕ фӕччы, уый цӕмӕн кӕнынц?»
Фарисейтӕй сын чидӕртӕ загътой: «Сабаты цы нӕ фӕччы, уый цӕмӕн кӕнут?»
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме 'лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ дон ӕвгӕнынмӕ ардӕм ма цӕуон».
Йесо йын загъта: «Марадз, бадзур дӕ моймӕ ӕмӕ рацу ардӕм».
Кӕд Моисейы Ӕгъдау нӕ фехалыны сӕраппонд адӕймагӕн сабаты скӕнынц сунӕт, уӕд Ӕз сабаты рынчыны къахӕй-къухмӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм смӕсты стут?
Уӕд фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ халы сабаты ӕгъдау». Иннӕтӕ дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймаджы бон ахӕм диссӕгтӕ кӕнын куыд у?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.