Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ. Ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый Адӕймаджы Фырт у. Йесо загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, куырмытӕ сӕ цӕстӕй куыд ракӕсой, цӕстджынтӕ та куырм куыд бауой, афтӕ». Мӕ ныхӕстӕ чи фехъуса ӕмӕ сӕ чи не 'ххӕст кӕна, уымӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не 'рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ. Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ фарны уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.
Выбор основного перевода