Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йӕм бахатыди, былӕй иучысыл фӕхибар уӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сбадт бӕлӕгъы ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кодта адӕмы. Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта Симонӕн: «Арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, баппарут уӕ хызтӕ ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фӕтухӕн кодтам ӕгас ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ Дӕ ныхасӕй баппардзынӕн хыз». Хыз куы баппӕрстой, уӕд ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз скъуыйын райдыдта. Иннӕ бӕлӕгъы чи уыди, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕм фӕтылдтой сӕ къухтӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой ӕххуысмӕ. Ӕрбацыдысты сӕм ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг кодтой, ӕмӕ сын райдыдтой дӕлдон кӕнын.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода