Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, ницӕмӕй къаддӕр дӕ Иудӕйы сӕйраг сахартӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни Фӕтӕг ӕмӕ хиздзӕни Мӕ адӕмы – Израилы"». Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕмӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де 'фсымӕрты уырнындзинад». Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан. Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы тухӕнтӕн ӕвдисӕн, ӕмӕ, цы намыс хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ: Сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй – Хуыцауӕн фӕндонӕй. Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг. Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ӕрцӕуа, уӕд райсдзыстут ӕнӕмӕлгӕ намысы хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ кӕндзӕн хизынмӕ ӕмӕ царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй асӕрфдзӕн сӕ цӕссыг».
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода