Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт. Йесо уырдыгӕй иуцасдӕр куы ауад, уӕд федта Зеведейы фырт Иаковы йе 'фсымӕр Иоаннимӕ сӕ хызтӕ бӕлӕгъы ӕмпъузгӕйӕ. Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ». Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы Кӕй тыххӕй ис фыст, стӕй пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты». Уӕд фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм». Йесо куы ӕрцыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй Фаззон, семӕ нӕ уыд.
От Иоанна
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Выбор основного перевода