15
Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».
Петр афтӕ бакодта: «Сеппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».
Петр афтӕ бакодта: «Сеппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн».
Уый фӕстӕ йӕ ӕркодта Йесомӕ. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕн Кифӕ» (ома, Петр).
Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ у мӕ бон ныртӕккӕ Дӕ фӕдыл цӕуын? Ӕз Дӕу сӕраппонд мӕ цард дӕр ратдзынӕн».
Сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй – Хуыцауӕн фӕндонӕй.