Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн сӕраппонд ратдзынӕ? Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.
Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».
Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мӕ фыстӕн».