Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.
«Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, [райдиан ӕмӕ кӕрон]», – зӕгъы Хицау Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг.
Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ.