Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард ӕппӕт адӕмӕн уыди рухс. Ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн». Ӕз дӕн дуар. Мӕныл йӕ фӕндаг кӕмӕн уа, уый фервӕздзӕн – бацӕудзӕн, рацӕудзӕн ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат. Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Уӕдӕ сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимӕ. Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон. Уыцы фӕндаг нын ӕмбӕрзӕны, ома, Йӕ буары фӕрцы, Уый айгӕрста ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд.
Выбор основного перевода