Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Иоанн Мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй та Ме 'вдисӕйнаг тыхджындӕр у. Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз уын загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон Мӕныл дзурӕг сты. Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ кӕны, кӕд Ӕз дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, уӕд Мыл ма ӕууӕндут. Фӕлӕ кӕд Ӕз Мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не 'ууӕндут, уӕд ӕууӕндут Мӕ хъуыддӕгтыл, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый куыд базонат ӕмӕ бамбарат, афтӕ». Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.
Выбор основного перевода