Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал фӕуыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ, Ӕз иудейтӕн куыд загътон, Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ, афтӕ ныртӕккӕ зӕгъын сымахӕн дӕр.
Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕндон – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.