Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа, ӕмӕ Ӕз кӕм дӕн, уым уыдзӕн Мӕ кусӕг дӕр. Мӕнӕн чи кусы, уыцы адӕймагӕн скад кӕндзӕн Мӕ Фыд. Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ куыд уой, Ӕз кӕм дӕн, уым, ӕмӕ куыд уыной, дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн кӕй бауарзтай, уый тыххӕй Мын кӕй радтай, Мӕ уыцы намыс. Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй баззайджытӕ, уыдонимӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Хицауимӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзух дӕр уыдзыстӕм Йемӕ.
Выбор основного перевода