Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕз цы зӕгъын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхасмӕ хъусын нӕ фӕразут. Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ номӕй, ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ. Сымах баиу стут Чырыстиимӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй – Аргъуыды рӕстӕг Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ. Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста неппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр, Аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон – байтыгъта йӕ дзуарыл. Ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарӕй ӕмӕ дунейӕн равдыста, уыдоны ӕгадмӕ кӕй ӕртардта, уый.
Выбор основного перевода