Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид? Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн». Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг, Кӕд Хуыцауы Фырт уыди, уӕддӕр тухӕнты фӕрцы сси коммӕгӕс, Чырысти дунемӕ куы ӕрцыд, уӕд уый тыххӕй загъта Хуыцауӕн: «Ды нывондтӕ ӕмӕ хуынтӕ нӕ бакуымдтай, фӕлӕ Мын ӕрцӕттӕ кодтай буар. Иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Дӕуӕн фӕндон нӕ уыдысты. Уӕд Ӕз загътон: Мӕн тыххӕй Сыгъдӕг Чиныджы фыст куыд у, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Кӕд уыцы нывондтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрхастӕуы, уӕддӕр Чырысти фыццаг загъта: «Нывондтӕ, хуынтӕ, иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Ды нӕ бакуымдтай, фӕндон Дын нӕ уыдысты». Уый фӕстӕ ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ ӕрцыдтӕн Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Уый аивта фыццаг, цӕмӕй йӕ тыхы бацӕуа дыккаг.
Выбор основного перевода