Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ. Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд кӕддӕриддӕр хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Фырт Йӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразы – Фыды цы гӕнгӕ уыны, ӕрмӕстдӕр уый кӕны. Ӕмӕ Фыд цы кӕны, Фырт дӕр уый аразы. Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕвдисы, Йӕхӕдӕг цы кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ. Фенын Ын кӕндзӕн ацы хъуыддӕгтӕй ноджы стырдӕртӕ, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут. Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый».
Выбор основного перевода